Сергей Меняйлоф фехъусын Владимир Путинӕн Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон рӕзты тыххӕй
Фембӕлд цыма Владимир Путин ӕмӕ Сергей Меняйлойы февралы фембæлды цы ныхас райдыдта, уый дарддӕр кӕны. Райдианы — регионы рӕзтыл ныхас. Цӕгат Ирыстон ӕнæхъæнæй сӕххӕст кодта социалон объектты арӕзтады нысантæ ӕмӕ равдыста хорз финансон динамикӕ. Эксперттӕ уыцы рӕзт бӕттынц регионы ног экономикон модель ӕнтыстджынӕй сфидар кӕнынимӕ. Уыйадыл бынӕттон бюджет райста уӕлӕмхасӕн хъалоны ӕфтиӕгтӕ. Фембӕлды ахсджиаг хай — Сæрмагонд операци. Цӕгат Ирыстоны райдыдтой цӕрӕнуæттæ арӕзын æфсæддонтӕн. Куыстытæ æххæстгæнджытæ ныридӕгӕн бавнæлддтой хӕдзӕртты бындуртӕ æвæрынмæ. Ӕдӕппӕтӕй республикӕйы ис 37 ӕххуысы мадзалы, ӕмӕ уыцы программӕ у сӕйрагдӕртӕй иу. Хæдзар райсыны рады ис 967 адӕймаджы Уыдонӕй 800 сты, чи фӕмард, уыдоны бинонтӕ. Æввонгад ӕххӕстӕй цæттæ у, бюджеты ӕхца ис. Арӕзтадон куыстытӕ иууылдӕр цӕуынц фæткмæ гӕсгӕ. Цӕгат Ирыстон сӕрмагонд операцийы хӕстонтӕн ӕххуыс кӕны фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ. Регионы сарӕзтой ветеранты сабыр цардмӕ адаптацийы системӕ. Ӕххуысы сӕйраг мадзал — регионалон программӕ "Ирыстоны æхсар". Уый кусы федералон проект "Хъӕбатырты рӕстӕг"-мӕ гӕсгӕ. Ветеранты ахуыр кодтой РАНХиГС-ы специалисттӕ. Стажировкӕтӕ цыдысты республикӕйы хицауады оргӕнты. Ныридӕгӕн куысты ныллæууыд рауагъдонты 60%. Регионы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло куыд загъта, афтӕмӕй программӕ дарддӕр рӕздзӕн. Цӕгат Ирыстоны фаронӕй нырмӕ кусы, ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдоны агурӕн центр. Владимир Путин уыцы куыст схуыдта тынг ахсджиаг. Центрмӕ цӕуынц сидтытӕ Уӕрӕсейы 74 регионӕй. Специалисттӕ ныридӕгӕн ссардтой 184 адӕймаджы. Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтӕмӕй агурджытӕ кӕнынц быдырон операцитӕ дӕр. Æххуыс сын сты нырыккон технологитӕ ӕмӕ регионты ӕхсӕн ӕмгуыстад. Владимир Путин йӕ хъус ӕрдардта Цæгат Ирыстоны цæрæн-коммуналон хæдзарады фарстатæм. Ныридæгæн ног кӕнын райдыдтой ӕппӕт системӕ дӕр. Сӕйраг проект сси бынӕттон водоканал. Уый у Цӕгат Кавказы ӕппӕты егъаудӕр. Куыстуаты кусы 4,5 мин адӕймаджы. Регионы бынтондӕр рацараздзысты коммуналон хызтӕ. Фембӕлды кӕрон ӕрныхас кодтой зæхкусджыты уавæрыл. Ацы аз къӕвдаты тыххӕй кусын райдыдтой фӕстӕдӕр. Фӕлӕ фермертӕ сӕ пълан уайтагъд аивтой. Фарон регион ӕрӕмбырд кодта 560 мин тоннӕйы хор. Уыдонӕй 161 сты фӕззыгӕндтӕ. Ацы аз тыллӕгмӕ раздӕрæй къаддӕр не 'нхъӕлмӕ кӕсынц. Регион фӕнд кӕны ӕнӕхъӕнӕй бахъахъхъӕнын бӕрзонд бӕрӕггӕнӕнтӕ. Доклад æвдисы Мӕскуыйы бӕрзонд цӕстӕнгас Цӕгат Ирыстонмӕ. Регион йӕхӕдӕг нысан кæны йæ рӕзт. Республикӕйы разамынд иудадзыг хуыздӕр кӕны экономикӕ ӕмӕ социалон къабаз. Хицауады сӕйраг нысан — регионы алы цӕрӕджы проблемӕтӕ лыг кӕнын. Æмæ ацы куыст ӕнӕмӕнг адарддӕр уыдзӕн. Дзæдзойты Фатимæ